25 апрелы
Внешний вид
Бæрæгбæттæ æмæ сæрмагонд бонтæ
[ивын | Бындур ивын]- Португали — Революцийы бон.
- Свазиленд — Тырысайы бон.
- Мысыр — Синайы æрдæгсакъадахы ссарибары бон.
Цаутæ
[ивын | Бындур ивын]- 1719 — Лондоны мыхуырæй рацыди Даниэль Дефойы роман «Робинзон Крузо»-йы фыццаг рауагъд.
- 1792 — Францы фыццаг хатт марыны тæрхон сæххаст кæнынæн гильотинæйæ спайда кодтой.
- 1839 — Бритайнаг æфсад байста сахар Кандагар (ныр Афгъанистаны).
- 1867 — Токио байгом æхсæнадæмон базарадæн.
- 1940 — Цæгат Ирыстоны райдыдта Цæлыччы къанауы арæзтад.
- 1983 — Советон Цæдисы сæргълæууæг Андропов америкаг чызг Самантæ Смитæн хонæг рарвыста. Фæстæдæр Самантæ Смит æрбацыд советон бæстæмæ æмæ дзы арвыста цалдæр боны пионертимæ.
Ацы бон райгуырдысты
[ивын | Бындур ивын]- 1599 — Оливер Кромвель (Oliver Cromwell) (амард 1658), бритайнаг паддзахадон архайæг, Англис, Ирланди æмæ Шотландийы лорд-протектор (1653—1958).
- 1757 — Иоганн Тобиас Ловиц (уырыссагау Товий Егорович Ловиц дæр) (амард 1804), химик æмæ фармацевт.
- 1769 — Марк Брунель (Mark Isambard Brunel) (амард 1849), францаг инженер, Темзæйы бын тъунел чи саразта, уый.
- 1818 — Фёдор Буслаев (амард 1897), ахуыргонд филолог æмæ аивады иртасæг. Ныффыста уырыссаг æвзаджы историон грамматикæ.
- 1842 — Фёдор Плевако (амард 1909), зындгонд адвокат æмæ оратор.
- 1852 — Леопольдо Алас (Leopoldo Alas) (амард 1901), испайнаг фыссæг æмæ критик.
- 1857 — Руджеро Леонкавалло (Ruggero Leoncavallo) (амард 1919), италиаг композитор.
- 1917 — Эллæ Фицджералд (Ella Fitzgerald) (амард 1996), америкаг джазон зарæггæнæг.
Ацы бон амардысты
[ивын | Бындур ивын]- 1928 — Пётр Врангель, уæрæсейаг æфсадфæтæг æмæ Сыбыры иртасæг.