Перейти к содержанию

Суринам

4° с. ш. 56° з. д.HGЯO
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Суринамы Республикæ
нидерл. Republiek Suriname
сранан-тонго Ripoliku Sranan
Тырыса Герб
Тырыса Герб
Девиз: «Justitia — Pietas — Fides»
Гимн: «Opo kondreman»
Официалон æвзаг нидерландаг
Сæйраг сахар Парамарибо
Стырдæр сахартæ Парамарибо
Хицауиуæджы хуыз Демократи
Территори
 • Æдæппæт 163 270 км²
 • Доны уæлцъары % 1,1
Цæрджытæ
 • Бахыгъд 472 000[1] ад.
 • Æнгомад 3 ад./км²
ÆМП
 • Æдæппæт (2004) 2,7 млрд. долл.
Валютæ Суринамы доллар (SRD)
Интернет-домен .sr
Код ISO SR
ÆОК-ы код SUR
Телефонон код +597
Сахатон таг -3
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Сурина́м (нидерл. Suriname [ˌsyːriˈnaːmə], сранан-тонго Sranan), официалон ном у Суринамы Республикæ (нидерл. Republiek Suriname, сранан-тонго Ripoliku Sranan) у паддзахад Хуссар Америкæйы. Цæрынц дзы 472 мин адæймаджы бæрц.

Суринамæн ис арæнтæ Гайанæимæ ныгуылæны, Францы Гвианæимæ скæсæны æмæ Бразилиимæ хуссары. Цæгаты та — Атлантикон фурды былгæрон.

Суринам у Хуссар Америкæйы тæккæ чысылдæр паддзахад. Цæрджыты фылдæр хай цæрынц фурдмæ хæстæг, егъау фæзуат хуссары у æдзæрг хъæдтæ æмæ саваннæ.

Суринам экватормæ хæстæг у, æмæ уый тыххæй дзы ис тропикон бæстыхъæд. Уæлдæфы температурæ бонæй-бонмæ, сезонæй-сезонмæ, зæгъæн ис, æмæ нæ ивы. Афæдзы дæргъы ис дыууæ къæвдаджын сезоны: декабрæй февралмæ æмæ апрелæй августы астæумæ.

Суринамы картæ

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. Suriname estimate UN Population Division.