Пинол
Внешний вид
Пинол кæнæ Пинолийо у никарагуæйаг традицион нозт, кæнынц æй адджын нартхоры ссад æмæ какаойæ, иуæй-иутæ нозтмæ сæкæр дæр æфтауынц.
Никарагуæйæгтæн пинол нуазын ахæм тыхджын традици у, æмæ уымæй сæрыстыр дæр вæййынц. Фæзæгъынц, зæгъгæ, «Soy puro Pinolero; ¡Nicaragüense por gracia de Dios!» (ома, «Дæн сыгъдæг пинол-нуазæг, дæн никарагуæйаг [лæг] Хуыцауы хорзæхæй!»). Ацы фразæ фыццаг хатт уыди Тино Лопес Геррæйы зарæг «Мæ Никарагуæ»-йы æмæ уымæй рапарахат. Президент Даниэль Ортега дæр йæ ныхæсты пайда кæны уыцы фразæйæ[1].
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Bolpress:: "Queremos trabajo, queremos paz, queremos reconciliación" Архивгонд æрцыдис 13 февралы 2010 азы.