Перейти к содержанию

Бубукин, Валентин Борисы фырт

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Футбол
Валентин Бубукин
Иумæйаг информаци
Æнæхъæн ном Валентин Борисович Бубукин
Райгуырдис 1933-æм азы 23 апрелы(1933-04-23)[1][2]
Амардис 2008-æм азы 30 октябры(2008-10-30)[3] (75 азы)
Æмбæстонад
Ас 180 см
Уæз 78 кг
Позици размæбырсæг
Клубон карье��æ
1952 Советон Цæдис ВВС-д (Мæскуы)
1953—1960 Советон Цæдис Локомотив (Мæскуы) 150 (49)
1961—1962 Советон Цæдис ЦСКА (Мæскуы) 20 (3)
1963—1965 Советон Цæдис Локомотив (Мæскуы) 118 (31)
Национ иугонд командæ
1959—1961 Советон Цæдис СССР 11 (4)
Тренеры карьерæ
1966—1968 Советон Цæдис Локомотив (Мæскуы)
1970—1972 Советон Цæдис Таврия
1972—1974 Советон Цæдис Карпаты (Львов)
1975—1977 Советон Цæдис ЦСКА (Мæскуы) тренер
1978 Вьетнам ЦСКА (Ханой)
1979 Советон Цæдис ЦСКА (Мæскуы) тренер
1980 Советон Цæдис ЦСКА (Мæскуы) начальник команды
1981—1983 Советон Цæдис ЦСКА (Мæскуы) тренер
1985—1987 Советон Цæдис ЦСКА (Мæскуы) тренер
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Валенти́н Бори́сович Бубу́кин (1933-æм азы 23 апрелы, Мæскуы — 2008-æм азы 30 октябры, Мæскуы) у советон футболист, Европæйы хъалацы чемпион (1960), Советон Цæдисы спорты сгуыхт мастер (1960), УСФСР-йы сгуыхт тренер (1990).

Цардафыст

[ивын | Бындур ивын]

Валентин Бубукин райгуырдис Мæскуыйы, шофыры бинонты[4]. Йæ сабибонтæй уарзта футбол, баскетбол, хоккей æмæ æндæр спорты хуызтæ. 1947-æм азы бацыдис Мæскуыйы спорты скъола «Крылья Советов»-мæ æмæ дзы уыдис централон размæбырсæг. Уайтагъд йæхи равдыста арахстджынæй, результатмæ тырнагæй. Цалдæр къуырийы фæстæ хъазыдта фæсивæдон командæйы сконды.

1952-æм азы æрбацыдис Мæскуыйы Уæлдæфон тыхты клубмæ (ВВС Москва), хъазыдис йæ дублёрты сконды[4]. 1953-æм азы та бацыдис «Локомотив»-мæ, клубы сæйраг тренер ма Борис Аркадьев куы уыдис, уæд. 1957-æм азы Бубукин бакуырдта уæлахизы гол мæскуыйаг «Спартак»-ы дуармæ. Æрбахуыдтой йæ иугонд командæмæ, кæцы командæимæ архайдта дунейы чемпионаты Швецийы (1958), фæлæ командæ куы фембылды, уыцы хъазты хайад нæ иста, бадтис бæндоныл æнæхъæн хъазты рæстæг. 1960-æм азы Европæйы хъалацы тыххæй та хъазыдис фæзы.

1961-æм азы йæ кæйдæр тренер Всеволод Бобров йæ бахуыдта ЦСКА-мæ, ацы клубы Бубукин ахъазыд 20 матчы, бакуырдта 3 голы. Чемпионат куы фæци, уæд раздæхтис «Локомотив»-мæ. Уыцы бонæй бакуырдта ма 21 голы ацы комæндæйы. Уыцы иу рæстæг ахуыр кодта тренеры дæсныйад.

Футболисты карьерæ куы фæци, уæд сæйраг тренерæй куыста «Локомотивы», стæй иннæ сахарты дæр — Симферополы, Львовы, суанг ма Вьетнамы сæйраг сахары. Ханойы куы куыста, уæд советон минæвæрады кусджыты тренер дæр уыд, йæ мысинæгты уый тыххæй куыд радзуры, афтæ[5].

Амардис Мæскуыйы 2008-æм азы 30 октябры, 76 азы йыл куы цыдис, уæд.

2015 азы Уæрæсейы посты маркæ

Æнтыстытæ

[ивын | Бындур ивын]
Кады аллей æмæ футболисты цыртдзæвæн
  • Европæйы чемпион (1960).
  • Советон Цæдисы чемпионаты æвзист призёр (1959)
  • Советон Цæдисы хъалацы рамбулæг (1957).
  • Вьетнамы чемпион (1978, куыд тренер).

Йæ ном куыд мысынц

[ивын | Бындур ивын]
  • Сочийы микрорайон Дагомысы ис Валентин Бубукины номыл аллей.
  • 2009-æм азæй дзы цæуы æрвылазон Валентин Бубукины мемориалон ерыс.
  • Йæ ном ис Кады аллейы «РЖД Арена»-йы стадионы цур.

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. Valentin Bubukin // FBref.com (цалд.)
  2. Valentin Bubukin † // Transfermarkt (цалд.) — 2000.
  3. http://uk.reuters.com/article/worldFootballNews/idUKLU74480020081030
  4. 4,0 4,1 Валентин Бубукин // Loko.News(недоступная ссылка). Датæ: 2020-æм азы 25 июны. Архив 2020-æм азы 27 июны.
  5. Мяч, пробитый им, и теперь летит над землей. Древо памяти Валентина Бубукина. 2017. ISBN 5040440154