Перейти к содержанию

Малиты Васо

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Фæлтæр 21:34, 23 августы 2021; Taamu (ныхас | бавæрд)
(хицæн.) ← Зæронддæр фæлтæр | Фæстаг фæлтæр (хицæн.) | Ногдæр фæлтæр → (хицæн.)
Малиты Васо
Райгуырды датæ 1938-æм азы 14 февралы(1938-02-14)
Райгуырæны бынат
Мæлæты бон 2017-æм азы 28 сентябры(2017-09-28) (79 азы)
Æмбæстонад (дæлхицауад)
Архайды хуыз поэт, фыссæг
Уацмысты æвзаг ирон

Малиты Геуæргийы фырт Васо (1938-2017) у зындгонд ирон поэт æмæ прозаик.

Цардафыст

[ивын | Бындур ивын]

Малийы-фырт райгуырдис 1938-æм азы 14 февралы Мустыздæхы хъæуы (Цæгат Ирыстон) зындгонд ирон поэт Малиты Геуæргийы бинонты. Астæуккаг скъола каст фæци райгуырæн хъæуы, уый фæстæ ахуыр кодта Цæгат Ирыстоны педагогон институты литературон факультеты (19571961). Ахуыры фæстæ куыста газет «Рæстдзинад»-ы литературон кусæгæй, телеуынынады студийы редакторæй. 19691970-æм азты Малийы-фырт ахуыр кодта Уæлдæр литературон курсыты Мæскуыйы.

Курсытæ каст фæуыны фæстæ Васо раивта цалдæр куысты бынаты — уыди рауагъдад «Ир»-ы хистæр редактор, фæстæдæр — Республикæйы чиныгуарджыты æхсæнады сæрдар.

1987-æм азы Малийы-фырт æвзæрст æрцыд Цæгат Ирыстоны фысджыты цæдисы сæрдарæй. 1991-æм азæй Малиты Васо у журнал «Ирæф»-ы сæйраг редактор.

Сфæлдыстад

[ивын | Бындур ивын]

Васойы литературон курдиат раргом ис, скъоладзау ма куы уыд, уæд. Йæ фыццаг æмдзæвгæ рухс федта 1955-æм азы газет «Рæстдзинад»-ы. Уæдæй фæстæмæ йæ радзырдтæ æмæ æмдзæвгæтæ мыхуыргонд цыдысты республикæйы газетты, журнал «Мах дуг»-ы, литературон альманах «Северная Осетия»-йы; йæ цалдæр æмдзæвгæйы бацыдысты æрыгон ирыстойнаг поэтты æмбырдгондмæ («Фат æмæ æрдын»). 1965-æм азы фыссæджы новеллæтæ æмæ уацау рацыдысты хицæн чиныгæй («Мæйрухс æхсæв»). Йæ новеллæты Васо тырны алыхуызон адæймæгты хъæсмæттæ раргом кæнынмæ, адæймаджы рæсугъддзинад æмæ хъару равдисынмæ. Чиныгмæ хаст чи æрцыди, йæ уыцы уацау «Кæйдæр тетрадæй»-ы автор сфæлдыста йæ æрыгон æмдугонты сурæттæ.

1966-æм азы Цæгат Ирыстоны музыкалон-драмон театры сценæйыл фыццаг хатт сæвæрдæуыд «Калм æмæ хъисфæндыр», зæгъгæ, Малиты Васойы уыцы пьесæмæ гæсгæ арæзт спектакль. Йæ сæйраг хъуыды — хæлæг, стæй курдиатджын фæсивæдмæ уазалцæстæнгасы ныхмæ тох.

1960-æм азты Малиты Васо ныффыста стыр поэмæтæ «Пэя» (1966), «Æнусæй æнусмæ» (1967) æмæ «Роксанæ» (1970).

Романтикон поэмæ «Пэя»-йы равдыстæуыд, йæ адæмæй чи фæиппæрд æмæ æрмæст йæхион амонды кой чи кодта, ахæм адæймаджы бауарзæг чызджы трагеди.

Поэмæ «Æнусæй æнусмæ» у, ирон поэттæ Ленины ном кæмæй ссардтой, уыцы уацмыстæй сæ тæккæ стырдæртæй иу. Арæзт у пролог, цалдæр монолоджы æмæ эпилогæй. Поэмæйæн ис романтикон ахаст. Йæ иннæ поэмæ фыссæг схуыдта, рухс, рæсугъ æмæ хорздзинад чи амыдта, ахæм рагирон номæй — «Роксанæ».

Мораль æмæ уды сыгъдæгдзинад сты Малийы-фырты дарддæры уацмысты бындур. 1970–80-æм азты мыхуыры рацыдысты, йæ сфæлдыстады зынгæ бынат чи бацахста, ахæм чингуытæ: чиныг «Гуйман» (уырдæм бацыдысты не ’мдугонтыл фыст уацаутæ æмæ радзырдтæ), пьесæты æмбырдгонд «Ацырухс» (1980) æмæ фыссæджы бирæазон фæллойы фæстиуæг — роман «Сурмейы хæдзар» (1974).

1989-æм азы мыхуыры рацыди коллективон поэтикон æмбырдгонд «Æрттигъ». Уырдæм хаст æрцыди ирон поэттæ Хъодзаты Æхсар, Ходы Камал æмæ Малиты Васойы ног æмдзæвгæтæ.

Васойы чиныджы цъар

Чингуытæ

[ивын | Бындур ивын]
  • Фат æмæ æрдын. Æмдзæвгæтæ æмæ поэмæтæ. Орджоникидзе, 1963;
  • Мæйрухс æхсæвты. Радзырдтæ æмæ уацау. Орджоникидзе, 1965;
  • Пэя. Поэмæ. «Мах дуг», 1966, № 7;
  • Æнусæй æнусмæ. Поэмæ. Орджоникидзе, 1967;
  • Роксанæ. Æмдзæвгæтæ æмæ поэмæ. Орджоникидзе, 1970;
  • Сурмейы хæдзар. Роман. Орджоникидзе, 1974;
  • Гуйман. Уацау æмæ радзырдтæ. Орджоникидзе, 1977;
  • Писатель и время. Сб. критических статей. Орджоникидзе, 1987;
  • Ацырухс. Пьесæтæ. Орджоникидзе, 1983;
  • Дом Сурме. Роман. (Перевод с осетинского). Орджоникидзе, 1986;
  • Сурмейы хæдзар. Роман æмæ уацаутæ. Дзæуджыхъæу, 1992;
  • Мусонг. Æмдзæвгæтæ æмæ кадджытæ. — Дзæуыджыхъæу, 2000;
  • Уадзимистæ. Радзурдтæ, пьеситæ, тæлмацтæ. Дзæуæгигъæу, 2008.

Фыссæджы сфæлдыстады тыххæй фыст уацтæ

[ивын | Бындур ивын]
  • Цæрукъаты А. Хурыскастыл. «Рæстдзинад», 1965, 29 дек.;
  • Козаты X. Задушевность романтика. «Молодой коммунист», 1966, 11 янв.;
  • Нафи. Зарæджы фыццаг фæлтæр. В кн.: «Ирон аив дзырдты сæрвæлтау». Цхинвал, 1967;
  • Цæгæраты М. Æртæ æмбалы. «Мах дуг», 1968, № 3;
  • Малиев Васо. Чиныг: Писатели Северной Осетии. Орджоникидзе, 1973;
  • Сабайты С. Цардæй ист фæлгонцтæ. «Мах дуг», 1979, № 6.

Æрвитæнтæ

[ивын | Бындур ивын]