Иванов, Валентин Козьмайы фырт
| ||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||
Иумæйаг информаци | ||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||
Æнæхъæн ном | Валентин Козьмич Иванов | |||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||
Фæсномыг | Козьмич | |||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||
Райгуырдис |
1934-æм азы 19 ноябры[1][2] |
|||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||
Амардис |
2011-æм азы 8 ноябры[3] (76 азы) |
|||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||
Æмбæстонад | ||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||
Ас | 178 см | |||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||
Позици | размæбырсæг | |||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||
|
||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||
Викикъæбицы медиа |
Валенти́н Козьмайы фырт Ивано́в (райгуырдис 1934-æм азы 19 ноябры Мæскуыйы — амардис 2011-æм азы 8 ноябры Мæскуыйы) у советон футболист, размæбырсæг, Советон Цæдисы иугон командæйы капитан, советон æмæ уæрæсейаг тренер. 1956-æм азы олимпиаг чемпион, 1960-æм азы Европæйы чемпион, Советон Цæдисы спорты сгуыхт мастер (1957), сгуыхт тренер (1988). Чилийы 1962-æм азы чи цыдис, уыцы дунейы чемпионаты хуыздæр бомбардир.
Клубон карьерæ
[ивын | Бындур ивын]Валентин Иванов йæ сабибонтæй уарзта футбол, хъазыдис йæ кæрты командæйы. 15-аздзыдæй кусын байдыдта слесырæй, хъазыди заводы командæйы, уым æрыгон футболисты федта Георгий Жарков. 1952-æм азы Валентин бацыдис командæ «Торпедо»-мæ æмæ иу афæдзы фæстæ йæ сæйраг сконды хъазын байдыдта. Йемæ «Торпедо»-йы хъазыдысты уæды зындгонд футболисттæ Эдуард Стрельцов, Валерий Воронин, Славæ Метревели, Геннадий Гусаров, Виктор Шустиков æмæ ма бирæ æндæртæ. Клубæн йæ хуыздæр аз уыдис 1960-æм, уæд æмклубонты къухмæ бафтыд Советон Цæдисы чемпионат æмæ хъалац рамбулын, уыцы иу рæстæг Советон Цæдисы иугонд командæ сси Европæйы чемпион.
Иванов йæ цард æнæхъæнæй радта иу клубæн. Хъазын куы фæци, уæд сси клубы тренер. Клубæн куы разамынд лæвæрдта, командæ ногæй сси Советон Цæдисы чемпион (1976).
Рацæразты рæстæг æнцон нæ уыдис Ивановæн. 1992-æм азы уый ацыдис Мароккомæ æмæ дзы иу афæдз куыста «Раджа»-йы тренерæй. 1993-æм азы раздæхтис Уæрæсемæ æмæ куыста «Асмарал»-ы. 1998-æм азы та ногæй сси «Торпедо»-йы разамынддæттæг.
Иугонд командæйы
[ивын | Бындур ивын]Советон Цæдисы иугонд командæйы Иванов хъазыдис 59 матчы, бакуырдта 26 голы (уымæй у æртыккаг хуыздæр бомбардир Олег Блохин æмæ Олег Протасовы фæстæ).
Тренерская
[ивын | Бындур ивын]Бинонтæ
[ивын | Бындур ивын]Ивановы бинойнаг Лидия дæр спорты басгуыхтис, уый уыд олимпиаг чемпионкæ. Йæ фырт Валентин та сси футболон тæрхонгæнæг. Йæ бинойнагимæ футболис базонгæ и Мельбурны олимпиадæйæ тæхгæ-тæхын.
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Valentin Ivanov † // Transfermarkt (цалд.) — 2000.
- ↑ Valentin Kozmich Ivanov // FBref.com (цалд.)
- ↑ http://www.reuters.com/article/2011/11/08/soccer-europe-russia-ivanov-idUSLDE7A701D20111108
- ↑ «Российский футбол за 100 лет» (М., 1997).
- 19 ноябры чи райгуырдис, уыдон
- 1934-æм азы чи райгуырдис, уыдон
- Мæскуыйы чи райгуырдис, уыдон
- 8 ноябры чи амардис, уыдон
- 2011-æм азы чи амардис, уыдон
- Мæскуыйы чи амардис, уыдон
- Зындгонд адæм алфавитмæ гæсгæ
- Спортсментæ алфавитмæ гæсгæ
- Футболисттæ алфавитмæ гæсгæ
- Футболон тренертæ алфавитмæ гæсгæ
- Советон Цæдисы футболисттæ
- Европæйы чемпионтæ футболæй
- Советон Цæдисы сгуыхт тренертæ
- Фæскомцæдисы уæнгтæ